Барад у æхсæнадон ахастыты регулятортæй иу.
Нырыккон дуджы дунейы ахуыргæндтæ нæма ссартой барады универсалон бæрæггæнæн. Зæгъæм,Стыр советон энциклопедимæ гæсгæбарад у паддзахадæй сфидаргонд иумæйаг æнæмæнг æххæстгæнинаг фæткойты æмдзыгуыр, кæдоны æххæстгонд паддзахад гаранти кæны.
Барады миниуджытæ сты:
- Уагæвæрддзинад, ома барады нормæтæ хъуамæ уой æмхуызон конд, иу паддзахады оргæнæй цæуой.
- Иумæйаг æнæмæнгдзинад, ома алчидæр хъуамæ фæткойтæ æххæст кæна.
- Объективон характер
- Формалон бæлвырддзинад
- Паддзахад æххæстдзинад гаранти кæны
- Бирæхаттон спайдакæныны фадат
Барады равзæрæн у барады нормæйы фидар кæныны амал.
Барады равзæрæнты æхсæн сбæрæг кæнæн ис:
Барады системæ у къабæзтæ, институттæ æмæ нормæты æмдзыгуыр.
Къабаз у барадон нормæты æмдзыгуыр, кæцы уаг дæтты иугъæдон æхсæнадон ахастытæн.
Барадон институт у барадон нормæты æмдзыгуыр, кæцы уаг дæтты æхсанадон ахастыты хицæн къордæн.
Барады институттæ сты, зæгъæм:
- сæрмæмулкы барады институт
- адæймаджы барадты институт
Барады нормæ у ахасты уагæвæрд, кæцы уаг дæтты конкретон æхсæнадон ахастытæн.
Барадон системæ у барады системæ, барады культурæ æмæ барады реализацийы æмдзыгуырон бастдинад.
Дунейы зындгонд сты барадон системæты мыггæгтæ:
Барады зонæдтæ сты æхсæнадон зонæдты къорд, кæдон иртасынц барад æмæ барадон фæзындтæ.