Азербайджа́н (азерб.Azərbaycan) у паддзахадФæскавказы,Къаспы денджызы былгæрон, кæддæрыСоветон Цæдисы республикæ. Йæ сæйраг сахар уБаку. Кæдгеографийы цæстæнгасæй ФæскавказАзимæ хауы, Азербайджан йæхиевропæйаг паддзахадыл нымайы (Сомих æмæГуырдзыстоны дæр афтæ кæнынц).
Уæрæсейы империйы фехæлды фæстæ Азербайджан сси пысылмон дунейы фыццаг паддзахад, кæцыйæн дин йæ бындурыл нæ уыд. Уый бацыд Сомих æмæ Гуырдзостонимæ цæдисон паддзахадмæ — Фæскавказы комиссариат, зæгъгæ — фæлæ дыууæ азы фæстæ республикæтæ ахицæн сты. Советон хицауад Фæскавказы куы ныффидар, азербайджайнаг зæххыты уыдысты Фæскавказы федеративон республикæйы сконды 1936-æм азы онг. 1936-æм азæй 1991-æм азы онг Азербайджан уыд фынддæс советон республикæйæ иу.
Азербайджан уХæдбар Паддзахæдты Æмбалады уæнг 1993-æм азæй. Уый уЕвропæйы советы уæнг 2001-æм азæй[2]. Кæд бæстæйы уагдæттæ демократон хуызы сты, Азербайджан нымад у авторитарон паддзахадыл.
Лагич, туристтæ цы цæрæнрæттæ уарзынц, ахæмтæй иуАзербайджаны паддзахадон валютæ хуыйныманат.
Азербайджан хъæздыг унефты гуырæнтæй. Нефт канд къахгæ нæ кæнынц, фæлæ ма уымæй исынц æндæр буаргъæдтæ дæр бынæттон химион индустрийы фæрцы. Нефт ахсы Азербайджаны экспорты 60%, нефты продукттæ та — 24 %[9]. Къахынц масызгъæрин æмæ æрдзон газ дæр.
Азербайджаны хъæууон хæдзарад зæйын кæныбæмбæг,тамако,цай, алыхуызон дыргътæ.
Тагъд рæзы Азербайджаны туризмы къабаз дæр, коронавирусы пандемийы агъоммæ-иу бæстæмæ æрцыдысты милуанæй фылдæр туристтæ алы афæдз дæр[10][11].
 |
|---|
| Бæстæтæ | |
|---|
| Æндæр территоритæ | |
|---|
| Дæлбар территоритæ | |
|---|
1 Йе стырдæр хай Азийы ис. |
 |
|---|
| Бæстæтæ | |
|---|
| Æндæр территоритæ | |
|---|
1 Йæ фылдæр хай Африкæйы ис. 2 Йæ иу хай Европæйы ис. 3 Европæйаг бæстæйыл йæхи нымайы. |